Infinite Entertainment, Zero Cost: Get Your Free Books, Music, and Videos Today!

ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"

Description
📚-Литературно-художественный и общественно-политический журнал РСО-Алания.
Нӕ бастдзинадӕн:

https://t.me/mahdugchat
Advertising
We recommend to visit

Админ - @Gals1

Last updated 2 months ago

Админы
@DmitrySed @Adm_ps @Alexa9613

Last updated 8 months, 3 weeks ago

Нефть + магнат

Last updated 1 month ago

6 days, 22 hours ago
6 days, 23 hours ago
Мæнæн мæ цард баст у ахуырадимæ, …

Мæнæн мæ цард баст у ахуырадимæ, ног фæлтæрты хъомыладимæ.
«Мах дуг» у ирон аив ныхасы артдзæст, фыдæлты бæркадджын къæбицæй абоны цардмæ хæзнатæ хæссæг. Æнгом бæтты абоны дуг ивгъуыдимæ, у фидæнмæ хид, «Æрфæны фæд», ирон дзырды хъæздыгдзинæдтæ тауы не ‘мдугонтыл. Уыцы хъæздыгдзинæдтæ сты алывæрсыг, кæм – æлвæст æмæ арф, кæм – таурæгъон, дардылдзураг. Журнал сæ æнæ ивгæйæ хæссы нæ размæ. Уырдыгæй исын арф хъуыдытæ, уыдоныл æнцой кæнгæйæ, аразын мæ хъомыладон куыст. Йе ‘рмæджытæ фæхъæздыгдæр кæнынц мæ ахуыртæ, феххуыс мын вæййынц, цы темæ æвзарын, ууыл алывæрсыгдæрæй æрдзурынæн.
«Мах дуг» æцæгдæр у, дугимæ æмдзу чи кæны, ахæм мыхуыры фæрæз. Йæ фæрцы нæм хæццæ кæны нырыккон ирон литературæйы комулæфт, фæлæ нæ рох кæнын нæ уадзы ирон литературæйы классикты уацмыстæ дæр. Рагон зонгæйыл фембæлæгау сыл зæрдиагæй бацин кæнæм, фыццаг хатт кæсæгау сæ æхсызгонæй бакæсæм. Бузныг дын, нæ уарзон журнал, уый тыххæй дæр!

МАЙРÆМЫХЪУАТЫ Фатимæ,

https://mahdug.ru/blog/baetty-abony-ivguydimae/

2 months, 1 week ago

Нӕ журналкӕсджытӕн цымыдисаг вӕййы, цалынмӕ сӕм журнал постхӕссӕг хӕдзармӕ нӕ бадӕтты, уӕдмӕ цы фӕндагыл рацӕуы, уый. Уӕ размӕ дзы хӕссӕм иу хай! Тагъд райсдзыстут радон номыр. Уым уыдзӕн Уататы Бибойы тыххӕй бирӕ цымыдисаг ӕрмӕджытӕ, мысинӕгтӕ, къамтӕ. Иннӕмӕй, фыццаг хатт мыхуыр кӕнӕм Битарты Маринӕйы радзырдтӕ. Алы хай дӕр ӕххӕст цымыдисаг ӕрмӕджытӕй.

Ныр та уал бузныг зӕгъӕм нӕ типографийы кусджытӕн сӕ зӕрдиаг фӕллойы тыххӕй. Сӕ разамонӕг - Козаты Витали.

#журналмахдуг
#типографи
#осетияполиграфсервис

2 months, 1 week ago
4 months, 2 weeks ago

📹 Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал "Мах дуг" дыккаг хатт расидт "Мах дуг"-ы дунеон преми.

Йæ нысан у ирон æвзаг æмæ литературæйы кад фæбæрзонддæр кæнын, авторты литературон уацмыстæ фыссынмæ разæнгард кæнын, алы бæстæты цы ирæттæ цæры, уыдоны Ирыстонмæ æрбангомдæр кæнын, журналкæcджыты ног нæмттимæ базонгæ кæнын. Æмткæй райсгæйæ та, æмзиууонæй ирон литературæйы рæзтыл бакусын.

Конкурсы сæйраг мидис æмæ чи дзы архайдзæн, уый тыххæй радзурдзæн журналы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕ.

@region15_ru

YouTube

"Мах дуг"-ы дунеон преми!

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал "Мах дуг" дыккаг хатт расидт "Мах дуг"-ы дунеон преми. Йæ нысан у ирон æвзаг æмæ литературæйы кад фæбæрзонддæр кæнын, авторты литературон уацмыстæ фыссынмæ разæнгард кæнын, алы бæстæты цы ирæттæ…

4 months, 2 weeks ago
ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
4 months, 2 weeks ago

"МАХ ДУГ"-ы ДУНЕОН ПРЕМИ!!!

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал "Мах дуг" дыккаг хатт расидт "МАХ ДУГ"-ы ДУНЕОН ПРЕМИ! Йæ нысан у ирон æвзаг æмæ литературæйы кад фæбæрзонддæр кæнын, авторты литературон уацмыстæ фыссынмæ разæнгард кæнын, алы бæстæты цы ирæттæ цæры, уыдоны Ирыстонмæ æрбангомдæр кæнын, журналкæcджыты ног нæмттимæ базонгæ кæнын. Æмткæй райсгæйæ та, æмзиууонæй ирон литературæйы рæзтыл бакусын.

Конкурсы къамисы уæнгтæй нысангонд æрцыдысты Ирыстонæн йæ Цæгат æмæ Хуссайраг фарсы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæй. Сæ сæйрагдæр домæн у, цæмæй автортæ бадæттой сæ ног уацмыстæ. Ома, ныридæгæн мыхуыргонд чи нæма уыд газеттæ, журналтæ æмæ Интæрнеты фæрæзты.

Дунейы паддзахадты, Уæрæсейы регионты цы ирон диаспорæтæ ис, уыдонимæ бастдзинад даргæйæ дзы архайдзысты, ирон æвзагыл сфæлдыстадон куыст чи кæны, уыдон.

Преми райсыны конкурсы ис 5 номинацийы:

- поэзи;

- прозæ;

- публицистикæ;

- драматурги;

- аивадон тæлмац.

Конкурсы архайджытæ кармæ гæcгæ дихгонд цæудзысты 3 къордыл:

☑️7 азæй 15 азмæ;

☑️16 азæй 35 азмæ;

☑️ 36 азæй уæлæмæ.

Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты æхцайы премитæй

Фыццаг бынат – 50 мин сомы;

Дыккаг бынат – 30 мин сомы;

Æртыккаг бынат 15 мин сомы.

Премийы сæрмагонд нысан æмæ дипломтæй.

Конкурсы къæпхæнтæ:

15-æм январæй 15-æм апрелмæ авторты бадæттын хъæуы сæ куыстытæ ахæм электрон адресмæ: mahdug@mail.ru  "Конкурс" дзы фæнысан кæнгæйæ;

16-æм апрелæй 10-æм маймæ сæрмагонд къамисы уæнгтæ аргъ скæндзысты авторты уацмыстæн;

Майы мæйы (бон фехъусын кæндзыстæм хицæнæй) кадджын уавæры уæлахиздзау автортæ æрцæудзысты хорзæхджынгонд.

Автортæн сæ бон æрмæджытæ æрбарвитын у Журнал «Мах дуг»-ы электрон почтæмæ mahdug@mail.ru. «КОНКУРС 24» дзы фæнысан кæнгæйæ.

Преми райсынмæ автор цы сфæлдыстадон куыстытæ æвдисы, уыдон нæмæнг хъуамæ уой электрон хуызы, А4 гæххæтты форматы, редактор «Word»-ы, «Times New Roman»-ы 14-æм шрифт равзаргæйæ. Фыццаг сыфыл æнæмæнг ныффссын хъæудзæн авторы тыххæй информаци: ном, фыды ном, мыггаг, кæд райгуырд æмæ кæм цæры, уыцы адрес, цы куысты лæуд у, электрон адрес, телефоны номыр, банчы картæйы номыр (мыййаг, премийы æхцатæ электрон хуызы æрвитын куы бахъæуа, уый тыххæй).

Бæлвырддæр æрмæг базонæн уыдзæн журналы сайты https://mahdug.ru/.
Уæ хъус дарут Телеграм æмæ ВК-йы нæ сæрмагонд фæрстæм дæр.

Фыццаг къорды архайджыты уацмыстæн къамис аргъ кæндзæн хицæн домæнтæм гæсгæ. Фыст сты Премийы Уагæвæрды.

Журнал «Мах дуг»-ы редакци

МахДуг -

Главная - МахДуг

Литературон -аивадон ӕмӕ ӕхсӕнадон -политикон ӕрвылмӕйон журнал

"МАХ ДУГ"-ы ДУНЕОН ПРЕМИ!!!
6 months, 1 week ago

Ӕфсады инӕлар Хетӕгкаты Георги амард 1975 азы 3 сентябры Мӕскуыйы. Кадимӕ йӕ баныгӕдтой Новодевичьейы уӕлмӕрды. Дзӕуджыхъӕуы рагӕй ис ӕфсады инӕлар Хетӕгкаты Георгийы номыл уынг. Фондз азы размӕ йын Алагиры ӕвӕрд ӕрцыд цыртдзӕвӕн. Фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма Советон Цӕдисы Хъӕбатыр, ӕфсады инӕлар Хетӕджы-фырт ноджы стырдӕр кады аккаг у, йӕ ном ма йын иу хатт сӕнусон кӕныны тыххӕй хорз уаид Ирыстоны сӕйраг горӕты йын искуы бюст сӕвӕрын. 

БАГАТЫ Аврам. 

#журналмахдуг

We recommend to visit

Админ - @Gals1

Last updated 2 months ago

Админы
@DmitrySed @Adm_ps @Alexa9613

Last updated 8 months, 3 weeks ago

Нефть + магнат

Last updated 1 month ago