Dive into the Ultimate Free Library: Your One-Stop Hub for Entertainment!

Fedog : хабæрттæ иронау

Description
Хабæрттæ иронау

CC BY-SA 3.0
We recommend to visit

Bienvenidos al canal de
" K A R O L G "

نحن.فقط.ذكريات.يخلدها.التاريخ𓆩Vip𓆪

Last updated 3 weeks, 4 days ago

1 month, 4 weeks ago
**Сомихы фехъусын кодтой, сӕ зӕрды кӕй …

Сомихы фехъусын кодтой, сӕ зӕрды кӕй ис Европӕйы Цӕдисмӕ бацӕуын

Бӕстӕйы парламенты сӕргълӕууӕг Ален Симоняны куыд загъта, афтӕмӕй Ереван цӕттӕ у евроинтеграцийы ’рдӕм аздӕхынмӕ.

2 months, 2 weeks ago
**Тагъд рæстæджы дунейы рухс фендзæн Даниел …

Тагъд рæстæджы дунейы рухс фендзæн Даниел Дефойы (1660–1731) зындгонд уацмыс иронау

Роман «Йæ цард æмæ йе ʼнахуыр æнæфенгæ цаутæ Робинзон Крузойæн» 1930-æм азты ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Тогуызты Газакк (Илас Æрнигон).
Текст нырыккон ирон графикæмæ раивта, чиныгæн фæлындæн æрмæг равзæрста, разныхас ныффыста æмæ фиппаинæгтæ бацæттæ кодта Косты Лизæ.
Йæ тираж у 1000 экземпляры.

Чиныг саразæг Косты Лизæ йæ разныхасы фыссы:
«Ацы чиныг кæсгæйæ адæймагæй ферох вæййы, текст оригиналон кæй нæу, фæлæ ирон æвзагмæ ивд кæй у, уый. Афтæмæй та чиныг æппындæр ирон цардмæ ницы бар дары, стæй ма уыимæ æндæр æвзæгтæй æрбайсгæ дзырдтæй дæр йемыдзаг у. Фæлæ уыцы арæзтадон æрмæгæй тæлмацгæнæг афтæ арæхстджынæй архайы, ахæм хуызджын нывтæ дзы аразы, æмæ сæм чиныгкæсæг кæсынæй не ʼфсæды. Мæнæ бафтыди уацмысы персонаж йæ фыдæвзарæн фæндагыл цавæрдæр дæлзæххон лæгæтмæ, „йæ бын хус æмæ лæгъз, лыстæг змисæй æмбæрзт. Нæдæр дзы хъуынайы тæф, нæдæр дзы уымæлы кой, нæдæр дзы æлгъаг хилæгойты æмæ маргджын зулчъыты фæд“. Афтæ — хиуылхæцгæ æмæ дзаджджын, хуызджын æмæ нуарджын æвзагæй — нывгонд цæуынц æнахуыр бынаты уавæр æмæ æууæлтæ. Уыцы ран Робинзон бамбæлы йæ фыр зæрондæй мæлæтон удхæрттæ æвзарæг хайуаныл æмæ талынджы фыццаг фæтæрсы уымæн, комкоммæ йæм чи кастис, йæ уыцы дыууæ судзаг цæстæй — „уыдон æрттывтой стъалытау, æдде сæм цы мæнг боны рухс хæццæ кодта, уый фæстæмæ сæхицæй æппаргæйæ“. Цымæ ма нæ мадæлон æвзагыл уымæй хуыздæр равдисæн ис адæймаджы мистикон тас цавæрдæр æбæрæг уавæры, стæй, ацы ран кæуыл дзырдæуы æмæ уырыссагау „отраженный свет“ кæй хонынц, уыцы фæзынд? Æмæ, дæсны тæлмацгæнæджы дисæфтауæг арæхстдзинад уæлдай тынгдæр кæм разыны, ахæм зæрдæмæхъаргæ бынæттæ ацы чиныджы иу æмæ дыууæ нæй. Уырны, искуы сыл æнæмæнг къæрцхъус æмæ уынаг кæсджытæй исчи бæстон æрдзурдзæн».

4 months, 2 weeks ago
Ӕрдӕбон Дзӕуджыхъӕуы Сабырдзинады проспекты ӕвӕрын райдыдтой …

Ӕрдӕбон Дзӕуджыхъӕуы Сабырдзинады проспекты ӕвӕрын райдыдтой ногазон наз бӕлас.

4 months, 2 weeks ago
Мыхуырæй рацыд Таматы Таймуразы чиныг **«Æгъдæуттæ, …

Мыхуырæй рацыд Таматы Таймуразы чиныг «Æгъдæуттæ, уагæвæрдтитæ æмæ фæткитæ». Дыккаг æххæстгонд рауагъд.
Куысты фыццаг рауагъд рухс федта 2005-æм азы. Йæ рецензенттæ уыдысты историон зонæдты доктор Бзарты Руслан æмæ педагогон зонæдты кандидат Бирæгъты И.И.

Чиныджы аннотацийы фыст ис:
В книгу вошли записи и рассказы старейшин, архивные источники, а также уникальный материал собственных наблюдений автора.
Книга рассчитана на широкий круг читателей: учащихся и студентов научных работников, представителей осетинских диаспор в разных уголках мира и тех, кому дорого и интересно культурное наследие осетинского народа.

4 months, 3 weeks ago

⚡️Владимир Путин фехъусын кодта, Уæрæсейы президенты бынатмæ 2024 азы æвзæрстыты кæй архайдзæн, уый.

4 months, 3 weeks ago
**Ӕрӕджы мыхуырӕй рацыдис зындгонд фӕсарӕйнаг фысджыты …

Ӕрӕджы мыхуырӕй рацыдис зындгонд фӕсарӕйнаг фысджыты ирон тӕлмацты чиныг
Чиныгкӕсджытӕ зӕрдиагӕй бакӕсдзысты Джек Лондоны, Эрнест Хемингуэйы ӕмӕ Проспер Меримейы радзырдтӕ ӕмӕ уацаутӕ.
Ирон ӕвзагмӕ сӕ раивта Хестанты-Бутаты Победӕ.

Чиныджы ис
Лондоны уацмыстӕ: «Фыдӕлты сидт», «Мексикӕйаг», «Сылгоймаджы лӕгдзинад» ӕмӕ «Уарзондзинад цардмӕ»;
Хемингуэйы уацау «Зӕронд лӕг ӕмӕ денджыз»;
Проспер Меримейы хъуыстгонд новеллӕ «Маттео Фальконе».

5 months, 1 week ago

Йемены хуситӕгтӕ Сырх денджызы цӕуӕг уӕзласӕн нау «Гелекси лидер» куыд байстой, уый ӕвдисӕг видео.

Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ науы хицау у израилаг амалиуӕгдар.

5 months, 3 weeks ago
6 months, 1 week ago

🇮🇱 🇵🇸 Израилы хъахъхъӕнынады министры ныхасмӕ гӕсгӕ, Газӕйы секторы цы хӕстон операци райдыдта, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕсса ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ йӕ фӕстиуӕгӕн ХАМАС хъуамӕ ӕрцӕуа бындзагъд.

6 months, 2 weeks ago

Ныфс
Хетӕгкаты Къоста
Кӕсы - РЦИ-Аланийы адӕмон артист Битарты Алыксандр

#журналмахдуг

We recommend to visit

Bienvenidos al canal de
" K A R O L G "

نحن.فقط.ذكريات.يخلدها.التاريخ𓆩Vip𓆪

Last updated 3 weeks, 4 days ago