Газет "Дигорæ" / Газета "Дигόра/Digoræ"

Description
🔵 Республиканская газета "Дигория"
Владикавказ, Проспект Коста, 11, 6 этаж.
🔵 Respublikon gazet "Digoræ"
Dzæwægihæw,
Advertising
We recommend to visit

🧑‍🧒Блог о жизни с сыном, с бабулей и дедом. Тебе понравится наша семейка!
☀️Семейные ценности
✈️Много путешествуем

РНК: https://knd.gov.ru/license?id=673206773438580dea7885d0&registryType=bloggersPermission

Pr: @shestak_marina @ksuulover @Sofia200820

Last updated 1 месяц назад

🐾 TATUAGEM 🐾
Bem-vindos ao Canal Galera!
➠Se você curti tatuagens e está afim de fazer alguma, você está no lugar certo!

Last updated 3 недели, 5 дней назад

☾ ᴄᴀɴ ʏᴏᴜ sᴇᴇ ᴛʜᴇ sᴛᴀʀs sʜɪɴɪɴɢ ᴛᴏᴏ?

ᴏᴡɴᴇʀ: @boobas_word
ɪɴғᴏ: @ephiinfo
ᴘʀɪᴄᴇ: @epiprice

ᴀɴᴏɴ: @epiphanyanonbot

ɴᴀᴠɪɢᴀᴛɪᴏɴ: https://t.me/epiphanysepiphany/7

Last updated 2 недели назад

2 months, 1 week ago
Газет "Дигорæ" / Газета "Дигόра/Digoræ"
2 months, 1 week ago
Газет "Дигорæ" / Газета "Дигόра/Digoræ"
2 months, 2 weeks ago

ТУГЪДОН ЛÆГ БÆГЪАТÆРДЗИЙНАДÆЙ УÆЛДАЙ МА ДЗУРДАРÆХСТ ДÆР КУ УА…

Петр I хъæбæр лæмбунæг æ цæстæ дардта, æфсадæн дарæс ци хъумацæй худтонцæ, уой хуæрзгъæдæдзийнадæмæ. Мæскуй фиццаг æсгæлладон кустуæттæй еу адтæй Серикови фабрикæ, кæцимæн паддзах балхæдта еугур гъæугæ машинттæ дæр æма ин бардзурд равардта, цæмæй нисангонд рæстæгмæ бавдеса æ исконд хъумац.
Еци-еу рæстæг паддзахи уосæ, æ лæги зæрдæ балхæнуни фæндæй, ауодудта хъæбæр æндæр фабрикантбæл – Дубровскийбæл. Æма ин бардзурд равардта, цæмæй е дæр бавдеса æ исконд дзаумауи нæуæг хузæгтæ.
Уотæ рауадæй, æма дууæ фабрикантти дæр галауанмæ еци-еу рæстæг еумæ æрбацудæнцæ сæ хузæгти хæццæ. Сериков, Дубровскийи фæлварæнтæмæ ку æркастæй, уæд æй балæдæрдтæй, етæ уой уæнттæй зингæ-зингæ хуæздæр ке ’нцæ, æма хуарзау нæбал фæцæй. Паддзах æ уоси хæццæ рацудæнцæ, фабриканттæ сæмæ ци зали æнгъæлмæ кастæнцæ, уордæмæ. Петр бацудæй Серикови хузæгтæмæ æма сæ æ къохæй расгарæ-басгарæ кæнун байдæдта. Уæд имæ императрицæ дзоруй:
– Фæууинай, мæнæ мæн фабриканти хъумац ба дæмæ куд фæккæсдзæнæй?
Петр бацудæй æма гъе уотæ лæмбунæгæй кæсун байдæдта Дубровскийи хузæгтæмæ дæр.
– Дубровский, циуавæр цъоппæй кодтай дæ фесбун?
– Барæуадзæ цъоппæй, уæ бæрзонддзийнадæ, – растудта æхе Дубровский.
– Кæд барæуадзæ ’й, уæд фæстеуæг ба лæгъуз рауадæй. Ду ба Сериков, циуавæр цъоппæй?
– Хумæтæги æлвист цъоппæй, – резгæ гъæлæсæй ин е дзуапп равардта.
– Уинис, – загъта Петр, барæуадзæ цъоппæй гъæла дæр дзæбæхгомау хъумац искæндзæнæй, ду ба, Сериков, сæрæн дæ, хумæтæги æлвистæй хуæрзгъæдæ уæфтаг искæнунмæ ке исарæхстæ, уомæй. Амæй фæстæмæ мин дæтдзæнæ фесбун æфсадæн.

Кавказаг зуст бæгъатæр А.П. Ермоловæй еуæй-еухатт исхауидæ хъæбæр циргъ зæгъдтитæ. Зæгъæн, циуавæрдæр артиллерион хаййи командир ма ку адтæй, уæд уотæ рауадæй, æма æркасти бахаудтæй игъустгонд А.А. Аракчеевмæ. Е, бæхтæ бустæги лæгъуз уавæри ке ’нцæ, уой фæууингæй гурумухъ хузи бауайдзæф кодта Ермоловæн, гъома, дæ бæрни ци бæхтæ ’нцæ, уони уавæрæй аразгæ ’й дæ репутаци æнæгъæнæй дæр.
– Зонун æй, еци тарæрфугæй дзуапп равардта Ермолов, – адæймаги репутаци ахид фонсæй аразгæ ке æй, уой.

Инæлар Сидоренко райста Уорс цæргæси орден. Уой фæсте æй паддзах æ галауани фæууингæй, ниттергади кодта, еци хуæрзеуæг ибæл ке нæ адтæй, уой. Æма еци хуæрзеуæг ин уой хуæдразмæ ке исаккаг кодта, уомæ гæсгæ ибæл хуæрзауодæни хабар нæма исæмбалдæй, зæгъгæ, уотæ бангъæлгæй æй рафарста:
– Ке дин равардтон, еци Уорс цæргæс райстай?
– Райстон æй, дæ бæрзонддзийнадæ, – дзуапп равардта Сидоренко е ’нæскунæггæнгæ украинаг æвзагихатти хæццæ. – Фал еци цæргæсæн хуæрун ба ци кæнун кæндзæнæн?
Паддзах ниххудтæй æма ин иснисан кодта арендæ, гъома, феддуйнаг.

5 months, 1 week ago

БИЙНОНТÆ ТУХГИН ÆНЦÆ – ФИДИ ФÆРЦИ, СЕ ‘НГОМДЗИЙНАДÆ – МАДИ ФÆРЦИ

Бийнонти цард цæмæй райдзаст æма фæрнæйдзаг уа, сæ исонибон ба никки хуæздæр цæмæй уа, уобæл зæрдрохсæй æма нифсгунæй архайуонцæ, е, фиццаги-фиццагидæр, аразгæ ’й æ сæргъи ка ’й, уонæй.

Номдзуд Расул Гамзатов ма уотæ дæр загъта: «Фидиуæзæг, бийнонтæ – райдайæнти райдайæн. Аци къæсæрæй райдайуй царди над, æма куд рауайдзæнæй, е ба махæй, ниййергутæй аразгæ ’й…» Уой фæдбæл нæмæ нæ рагфидтæлтæй дæр берæ зундгин зæгъдтитæ æрбахъæрттæй. Зæгъæн, мæнæ ауæхæн:

«Бийнонтæ тухгин ку фæуунцæ, уæд е бийнонти сæрбæл баст æй, бийнонтæ æнгом ку фæуунцæ, уæд е æфсийнæй цæуй…» Уотæ ку нæ уа, уæдта бийнонтæ æгудзæг кæнунцæ – хестæртæ æма кæстæртæ дæр си тухст уавæрти бахаунцæ æма уотемæй æрветунцæ сæ бæнттæ.

Дзубанди дæр ибæл нæййес, цæмæй бийнонти цардиуагæ зæрдæмæдзæугæ уа, е цæйбæрцæбæл берæ аразгæ ’й фиди ’рдигæй. Нæ фидтæлтиккон хабæрттæй æй хуарз зонæн, нæлгоймаг цæйбæрцæбæл æновудæй архайидæ уой сæрбæлтау, сауæнгæ ма æ цард дæр иснивонд кæнидæ. Ка уи нæ фегъустайдæ Акими зар:

Ой, нæ хæхбæстæ нæ,

ой куы нæ ’фсады хорæй,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Ой, цон фæцæуон

Дæлæ быдырмæ хор

ласынмæ, гъей, тох.

Надбæл ибæл исцурæвæрæ ’нцæ абæргутæ, гъавтонцæ ин æ бæх æма галтæ, æ уæргътæ байсунмæ.

Ой, Ходы къуылдымтæ, ой,

дæлæмæ куы лæсынц,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Ауадзут мæ, мæнмæ мæ

сабитæ æнхъæлмæ куы

кæсынц, гъей!

Нæ, нæ фæттæрегъæд кодтонцæ æдзæсгон абæргутæ мæгур лæгæн, нецæмæ ’рдардтонцæ æ мæгур сувæллæнтти тухст уавæр. Æма сæ уæд Аким бундзагъд никкодта, æхуæдæг дæр фæммард æй:

Ой, фæззыгон мигъбон мын,

ой, мæ фæндаг æрцахста,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Мæн Гозымы-фырт

фæстейæ æрбахста,

гъей, тох!

Бийнонтæбæл ауодун, уони хуарзи сæрбæлтау æгъдауæй дæр æма фæллойнæй дæр архайунбæл нæлгоймаг алкæддæр ихæсгин адтæй, æй æма гъæуама идарддæр дæр уотæ уа. Цийфæнди зин рæстæгутæ ку ралæууа, цийфæнди тухстдзийнæдтæ хъоргæнæг ку уонцæ, уæддæр.

Æрæги Уæрæсей дзиллæ, дуйней берæ паддзахæдтæ, рæстзæрдæ дзиллитæ исбæрæг бабæй кодтонцæ зæрдæбæлдарæн æма хъонци бон – астинсæй анзей размæ, 1941 анзи 22 июни нæ Райгурæн бæстæмæ тогмондагæй æрбалæбурдтонцæ немуцаг-фашистон æрдонгтæ. Етæ ци тугъд ракъахтонцæ, е нæ бæсти еугур бийнонти зæрдитæ дæр фæрресун кодта, æностæмæ дæр си ка не ’рнидæн уодзæнæй, еци додойæй.

Тохунгъон нæлгоймæгтæ сæ фидиуæзæг ниууадзгæй цудæнцæ цифуддæр знаги ниддæрæн кæнунмæ. Уой нихмæ комкоммæ тохи бацæугæй æма син мæлæтæй тæссаг уогæй дæр, сæ зæрдæй ба нæ цох кодтонцæ сæ бийнонтæбæл сагъæстæ æма тухст.

Финсæг æма публицист, Хуадонти Иссæ фронтæй æ цардæмбал Меримæ ци финстæгутæ æрвиста, уонæй еуеми уотæ финста: «Берæ сагъæстæ, берæ бакæнуйнаг гъуддæгутæ мин ес, (ахур, тугъд…) фал ма уæддæр мæ сæри, уæдта мæ зæрди дæр устур бунат разиндзæнæй дæуæн, нæ бæдæлттæн дæр. Æхцай морæ уæмæ ке нæййес, е ба мæ бустæги маруй, фал уин уæ царди уавæр фæххуæздæр кæнунæн уотæ æвеппайди неци мадзал ерун.

Мæ зæрдтагон, Мери, уотæ бакæнæ æма мæ костюм, мæ хæдонæ æма мин мæ туфлитæ рауæйæ кæнæ. Мæн нецæмæн гъæунцæ, æнæмæнгæ сæ рауæйæ кæнæ æма бал уин фагæ уодзæнæнцæ, фæстæдæр ба архайдзинан зундгиндæр унбæл. Дæхе дæр æма сувæллæнтти дæр хуæрдæгъæуагæй ма уадзæ æгириддæр. Дзубанди æфсес цардбæл нæ цæуй, фал цæрунæн цæйбæрцæ гъæуй, уобæл…»

Ауæхæн дæнцитæ ма берæ æримисун æнгъезуй. Фал, гъулæггагæн, ес бустæги æндæрхузон дæнцитæ дæр, кæцитæй бæрæг æй, алли бийнонтæ хуæрзауодæг фидæй нæ фæххайгин унцæ…

5 months, 2 weeks ago

ЦÆБÆЛ ИСМÆСТГУН ÆЙ КУРУХОН ХЕСТÆР…

Аци уацмæ гæсгæ нæ зундгонд финсæг Бицъоти Гриш, «Ставд-Дортæ», зæгъгæ, æ документалон уацауи æримиста мæнæ ауæхæн хабар: «Æрæги уæнгæ дæр ма еци фæткæ федар адтæй Иристони. Гъуди ма кæнун: 60-аг æнзти кæрони Дзæуæгигъæуæй бафтудтæн Ставд-Дортæмæ. Зилдтæн хеуæнттæбæл. Еууæхæни мæ хæстæгутæй еуети хæдзарæй тургъæмæ куд рацудтæн, уотæ гъæунгæй мæ гъостæбæл рауадæй нæлгоймаги гъæрæй дзубанди. Игъосунбæл имæ фæдтæн. Дзурдта, дæлæрдигæй дæр æй куд игъустайуонцæ, уæлæрдигæй дæр, уотæ гъæрæй. Уайтæккæ дæр балæдæрдтæн: зæронд лæг кедæр æфхуæруй, кæбæлдæр æнæвгъауæй калуй æ уайдзæфтæ. Æмбесæндтæ хаста. Уартæ, зæгъгæ, Уæллагири коми уæхæн æма уæхæн гъæуи æмзай-æмзæронд бацæнцæ уæхæн лæг æма уосæ. Зулундзурд дæр си некæд райгъустæй, уотемæй, дан, уосæ æ донихулуй нæ уорæдта. Уæд, загъта, цæрунмæ цудæнцæ, нур ба дууæ бони кæрæдземæн нæбал бухсунцæ. Цæветтонгæ, мæ фусунти синхæгти лæхъуæн хуæрзæрæги æ нæуæгкурд уосæй рахецæн æй æма æ уайдзæфи дзурдтæ уони ’рдæмæ гæлста, уæззау дорти хузæн, зæронд лæг…»

Еци зæронд лæги æ мастæй балæдæрун æнгъизтæй – уæди рæстæгути ма хъæбæр æверхъау хабарбæл нимад уидæ бийнонти фехæлд, уæлдайдæр ба æригон бийнонтæ сæ цард æнхæст нæма райдайгæй кæрæдземæй ку фæлледзæги уиуонцæ, уæд.

Нур, гъулæггагæн, уæхæн хабæрттæ фæстаг цалдæр анзей дæргъи уоййасæбæл исахид æнцæ, æма сæбæл дес дæр некебал кæнуй. Æма уæхæн уавæри хæццæ куд ес æдухстæй аразигæнæн? Уæлдайдæр демографий фарстатæ нæмæ цæйбæрцæбæл иссагъæссаг æнцæ, уомæ гæсгæ. Уæхуæдтæ кæсайтæ. Цæгат Иристони статистикон управлени куд игъосун кæнуй, уотемæй аци анзи фиццаг æртæ мæйей бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ республики цæргути нимæдзæ 724 адæймаги фæмминкъийдæр æй. Амунд рæстæг райгурдæй 1754 сувæллони, гъома, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 1,7% фулдæр. Аци рæстæги дæргъи рамардæй 1849 адæймаги (гъома, фарæй 0,35% минкъийдæр). Республики цæргутæй æрдзон уагæй фæгъгъудæй 95 адæймаги (фари фиццаг квартали ба – 130 адæймаги).

2024 анзи æртæ мæйемæ республики арæзт æрцудæй 459 къайади, ихæлд ба ‘рцудæй 977 къайади. Фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, арæзт къайæдти нимæдзæ фæмминкъийдæр æй 11,6%, ихæлд къайæдти нимæдзæ ба 4,9% фæффулдæр æй.

Ци зæгъæн ес, аци бæрæггæнæнти фæдбæл? Сагъæссаг, хъæбæр сагъæссаг уавæр – æндæр ма ци зæгъдзæнæ? Иннæ фарста ба е æй, æма идарддæр дæр уотæ ку уа, уæд нæ республики демографион уавæр, куд нæ фæндуй, æма куд гъæуама уа, уотæ кутемæй рæвдзæдæргонд æрцæудзæнæй. Æви нæ еунæг мадзал – æндæр рауæнтæй нæмæ цæруни зæрдтæй ка цæуй, етæ?

Æма миграцион уавæри ес берæ сагъæссаг фæззиндтитæ.

Аци фарста уоййасæбæл ахсгиаг æма сагъæссаг æй, æма ибæл хецæнæй бундорондæрæй дзорун гъæуй. Æма уомæн дæр æнæмæнгæ иссердзинан равгæ. Нур ба нæ идарддæри дзубанди æй, зингæ ахедундзийнадæ кæмæн ес, еци хабæртти туххæй.

5 months, 2 weeks ago

БИЙНОНТÆ СÆ АМОНД АРАЗÆГ СÆХУÆДТÆ ÆНЦÆ!..
Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн зундгин загъд: «Хуарз хæдзарæн – хуарз номхæссæн!..» Хæдзарæ хуарз уæд фæууй, æма си бийнонтæ æнгомæй, кæрæдзей лæдæргæй ку фæццæрунцæ. Нæ рагфидтæлтæ ма хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Æ бийнонтæ хæларæй кæмæн цæрунцæ, уомæн æ хæдзари бæркад берæ ’й!..» Гъе уомæ гæсгæ бийнонти цардарæзт раги дзаманти хъæбæр бæрзонд цæстиварди адтæй нæ адæммæ, уотæ ’й нимадтонцæ, æма еу бийнонтæ дæр æнæгъæнæ гъæубæстæн дæр æнцæ æ цæсгон, е ’гъдаудзийнади æвдесæн.
ÆНГОМÆЙ ЦИ ХÆДЗАРИ ЦÆРУНЦÆ, АМОНД ДÆР УОМИ ЕС…
Мах адæммæ алкæддæр ахсгиагæй-ахсгиагдæр нимади адтæнцæ бийнонти цардарæзти гъуддæгутæ. Бийнонти еудзийнадæ æма æнгомдзийнадæ федар кæнуни сæ амонд æма фарнæ агъазиаудæр кæнуни фæдбæл нæмæ нæ рагфидтæлтæй æрбахъæрттæнцæ дессаги рæсугъд æма тухгин æгъдæуттæ. Æма, баруагæс уи уæд, етæ абони дæр, кæд нæ нуриккон цардарæзти берæ цидæртæ исæндæрхузон æнцæ, уæддæр ахсгиаг æма æнæмæнгæ гъæугæ ’нцæ.
Мах алкæддæр сæрбæрзондæй ранимайæн, берæ æнзти амондгунæй ка фæццардæй, хуарз кæстæртæ ка исгъомбæл кодта æма абони сæ кæстæрти кæстæртæбæл ка цийнæ кæнуй, уони.
Етæ, ке зæгъун æй гъæуй, æнцæ нæ боц хестæртæ – сæ фæлтæрддзийнадæ æма курухондзийнадæбæл гъæуама ахур кæнонцæ æригон фæлтæр. Уони фæрци базонæн æма балæдæрæн ес, нæ адæми уодиконди сæйрагдæр, цардаразæг менеугутæ.
Етæ ба ’нцæ – бийнонти цард нивæбæл аразун æма ’й еудадзуг гъæуай кæнун, кæрæдзебæл æновуд ун, æууæнкæ æма еузæрдиуондзийнадæй алке ни æ бийнонти царди тæккæ хуæздæр уагæбæл хъиамæт кæнгæй, еумæйагæй æхсæнади размæцудæн дæр равгитæ æма фадуæттæ аразун, æма ма берæ æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгутæ исфæлдесунмæ разæнгард ун.
Бийнонтæ амондгун ку уонцæ, сæ сувæллæнттæ æнæнезæй æма цардбæллонæй ку ирæзонцæ, уæд сæ еугуремæн дæр сæ цард æнтæстгин уодзæнæй – е ба комкоммæ ахеддзæнæй республики фæрнугдæр æма хуæздæр исонибонбæл.
Махмæ гæсгæ, ауæхæн гъудибæл ни гъæуама алкедæр хуæст уа, уомæн æма æ фидиуæзæги исонибонбæл рæстзæрдæй ка тухсуй, æ адæми идарддæри карнæ сагъæссаг кæмæн æй, е гъæуама цийфæнди цæстæй ма кæса нæ цардарæзти тæккæ федардæр æма æууæнкæдæр бундори уавæрмæ, гъома, бийнонти кадæ æма æнæфæккеугæдзийнадæ нæмæ цæйбæрцæбæл цитгингонд цæунцæ, уомæ.
Мах адæммæ алли рæстæгути дæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг хузи æнхæстгонд цудæнцæ нæ рагфидтæлти фæдзæхститæ бийнонти цардиуаги, бæлвурддæрæй æ еудзийнади туххæй, уой фехалун устур æгадæдзийнадæбæл нимад цудæй. Уотæ амудта нæ адæмæй ка ци дин райста, е дæр. Зæгъæн, газет «Терские ведомости» 1895 анзи номертæй еуеми уой фæдбæл ниммухур кодта уац, кæцими загъд адтæй: «Киристон аргъауæн куд амонуй, уомæ гæсгæ сæ цард ка бабаста, еци киристæнттæ, зæгъæн ес, æма хецæн нæ кодтонцæ».

5 months, 2 weeks ago

Цæгат Иристони Национ музейи æрæги кадгин уавæри ци равдист байгон æй, уоми æвæрд æрцудæнцæ, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг фашистон æрдонгтæ Советон Цæдесмæ ’рбалæборгæй, рæстæгмæ ци зæнхитæ байахæстонцæ, уонæми сабур цæрæг адæмæн ци фудмиутæ æма æзнаггадæ кодтонцæ, уобæл дзорæг къартæ æма архивон документтæ.

Равдист игон кæнгæй Цæгат Иристони ветеранти Совети сæрдар Фриати Хъазбег æ радзубандий уотæ загъта:

– Аци равдист хуннуй «Без срока давности». Гъома, кæд Устур Фидибæстон тугъд раги фæцæй, уæддæр ин æ цаутæ æма хабæрттæ евгъуд рæстæгути амæнат иссæнцæ, зæгъгæ, нимайæн нецихузи ес. Уони гъæуама нæ зæрдæбæл дарæн, зундамонæг æма нифсдæттæг нин гъæуама уонцæ. Уомæн æма абони нæуæгæй фашизм æма нацизм сæ сæртæ исдардтонцæ, æма бабæй нæ багъудæй сæ нихмæ карз тохи бацæун.

Равдисти нисан æй дзилли, уæлдайдæр ба ирæзгæ фæлтæрти зæрдитæбæл æрлæуун кæнун, советон сабурцæрæг адæм ци æверхъаудзийнæдтæ бавзурстонцæ, нацистти къохтæй цагъди ка фæцæй, уони æримисунæн, уæдта знагæн агъаз ка кодта, уони дæр равдесун.

Аци проектæн æ ахсгиагдзийнадæ уæлдай фæууæлиаудæр æй, æрæги Дербент, Махачкала æма Севастополи ци фудбæлæхтæ ’рцудæй, уонæмæ гæсгæ – еци æверхъау цаути нихмæ æнæуинондзийнадæ исæвзурун кæнун. Гъæуама ни алкедæр лæдæра, Хуцауæй ка нæ тæрсуй, æфсармæ æма æгъдауи сæрти ка рахизтæй, еци фудракæндæ исаразгутæй алкедæр закъони размæ дзуапп ке ратдзæнæй, уой. Цæйбæрцæдæр рæстæг ку рацæуа, уæддæр уæхæн фудракæндитæн иронхгæнæн æма хатиргæнæн нæййес.

Цъæх арви буни сабур цардæй хуæздæр неци ес. Æма си гъæуама рæстзæрдæй байлæгъ кæнонцæ нæ адæми ирæзгæ фæлтæртæ. Е ба кæнгæ ’й фиццагидæр ниййергутæй – уонæй алкедæр гъæуама бæлвурдæй зона, æ сувæллон кæми ’й, ци косуй, цæбæл гъуди кæнуй æма циуавæр зундбæл хуæст æй, уой. Цæмæй, æрæги Дагестани республики ци фудракæндæ ’рцудæй, уæхæн фидбилизтæ ма ’руадзæн, нæхе дæр æма, нæ алливарс ка æй, уони дæр багъæуай кæнæн.

Ахид, сувæллæнттæмæ Интернети социалон хизти ниффинсунцæ бустæги æцæгæлон адæм. Æхцайæй син зæрдитæ байвæрунцæ æма си фæййагорунцæ, берæ адæм кæми ес, уæхæн бунæтти ести æзнаггадæ исаразун, уордæмæ рæмодзæн æрмæг бахæссун. Уомæ гæсгæ нæ гъæуй къæрцгъосдæр ун.

Мæнæ ке туххæй æй нæ дзубанди, уæхæн равдиститæ агъаз æнцæ нацизм æма терроризми æцæг цæсгон равдесунæн, нæ дзиллæмæ патриотизм æма хæлардзийнади æнкъарæнтæ æвзурун кæнунæн.

5 months, 3 weeks ago

Устур Фидибæстон тугъди дзамани Советон Цæдеси Бæгъатæр ка иссæй, Иристони еци æхсæрдæс æма æртинсæй æхсаргин фуртемæй дууемæн – Плити Александри фурт Иссæн æма Иван Ивани фурт Фесинæн – нæ бæсти аци цитгиндæр хуæрзеуæг аккаггонд æрцудæй дууæ хатти. Уой дæр И.Фесинæн еци цитгин ном дууæ хатти лæвæрд æрцудæй еу анзи дæргъи – 1943 анзи мартъий æма ноябри.

Æ берæ æскъуæлхтдзийнæдтæн ин аргъ кæнгæй, æримисуни аккаг ке æй, уобæл алкедæр исарази уодзæнæй. Фал уой хæццæ ба, ка ’й зонуй, еске уотæ дæр бафæрсдзæнæй, гъома, Иристон æй æ аккаг фуртбæл цæмæ гæсгæ нимайуй, нæ республикæмæ ци барæ даруй… Уомæ гæсгæ ба Иван Фесини туххæй райдайæн æ тæрнади хабæрттæй.

Иван Фесин райгурдæй 1904 анзи 24 июни Ростови Каменски райони хутор Муравлевойи. Сæ бийнонти царди уавæртæ уоййасæбæл æгудзæг адтæнцæ, æма биццеу дæсанздзудæй иссæй къæбæр амалгæнæг, ихуæрсти бацудæй бонгинтæмæ. Дæс анзи ибæл исæнхæст æй, уотемæй æ фидæ фæммард æй гермайнаг фронти, Фиццаг дуйнеуон тугъди архайгæй. Уомæй цуппар анзи фæстæдæр ба рамардæй æ мадæ – фургустæй, фурæгудзæг царди уавæрти бæлахæй. Гъе уотемæй цуппæрдæсанздзуд Иван бустæги седзæрæй райзадæй. Косунмæ бацудæй.

Архайдта, аразта æ карни хабæрттæ. Цалинмæ имæ 1926 анзи нæ фæдздзурдтонцæ Сурх Æфсади рæнгъитæмæ. Æфсæддон служби фæрци гъæуккаг биццеуи цард æхе цæхгæр раййивта. Иван разæнгардæй æнхæст кодта служби ихæстæ, лæмбунæг ахур кодта тугъдон техникæ æма ’й 1927 анзи ахур кæнунмæ рарвистонцæ Дзæуæгигъæуи фестæгæфсæддон скъоламæ. Цубур рæстæгмæ лæхъуæн иссæй ахургæнæндони раззагдæр курсанттæй еу. Æфсæддон ахургæнæндонæ æнтæстгинæй каст фæууогæй службæ кодта, Пятигорски, Грознай æма Дзæуæгигъæуи ка æрбунæттон æй, еци медæфсæдти рæнгъити.

Æригон афицер архайдта æ зонундзийнæдтæбæл æфтаунбæл, ахур кодта командирти цæттæ кæнуни системи, фæстæдæр фæсаууонмæ ахур кæнунмæ бацудæй Мæскуй М.Фрунзей номбæл æфсæддон академимæ æма ’й 1941 анзи каст фæцæй. Академий фæсте Иван косун райдæдта Дзæуæгигъæуи арæнгъæуайгæнæн училищей ахургæнæгæй. Устур Фидибæстон тугъд дæр æй аци бунати æрæййафта. Изолдӕр ӕрмӕг кӕсетӕ газети сайти gazeta-digora.ru

5 months, 3 weeks ago

Нæ бæсти еугур дзиллитæ дæр хъæбæр зæрдристæй хъонц кæнунцæ, æрæги Уæрæсей ка ’рцудæй æма берæ æвуд адæм кæми бастъалдæй, еци фудракæндти фæдбæл.

Украини гæрзефтонг тухтæ ракетитæй фехстонцæ сахар Севастополи фæлладуадзæн рауæнтæ, сахар Махачкалай ба террористтæ æнахъæл лæбурд бакодтонцæ киристон аргъауæнмæ æма дзиуиттаг ковæндонæмæ, рамардтонцæ медгъуддæгути къабази косгути. Фудгæнгутæ сæ зулундзийнæдтæн еци рауæнтæ цæмæн равзурстонцæ, е дæр лæдæрд æй. Æртæ æма цуппаринсæй анзей размæ фашистон Германи Советон Цæдесмæ гадзирахаттæй ку ’рбалæбурдта, уæд æ фиццаг цæф адтæй Севастополь æма Одессæбæл. Уой дæр, Советон Цæдеси нихмæ тугъд идайæн, зæгъгæ, уой Германий разамунд нæма фегъосун кæнгæй, уотемæй… Æма, æвæдзи, фашистон Германий фæтæгти фæнзгæй, Украини нури, нацистон зундирахастмæ тулаваст разамунд дæр, сæ цæф Севастопольбæл уомæ гæсгæ фæккодтонцæ. Æма уомæй хъæбæр фæррæдудæнцæ – хъæбæр фæсмойнаг син фæууодзæнæй сæ æрра миуæ.

Дагестани ци террористон фудракæндæ арæзт æрцудæй, уомæй æ исаразгутæ гъавтонцæ айдагъ уоми дзиллæ нæ бастъалун, фал æнæгъæнæ Цæгат Кавказ таси бафтаун, аллихузон адæмихæттити æма конфессити минæвæртти фæккæрæдземæ кæнун, сауæнгæ тогниккалди буцæутæ ракъахун. Сæ ахъелгутæ дæр бæрæг æнцæ – Уæрæсей куд берæнацион æма берæконфессионалон паддзахадæ, уотæ фехалун. Уой, Дагестани æверхъау цауи туххæй дзоргæй, нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр уотæ баханхæ кодта:

– Дагестани ци террористон фудракæндæ цæттæгонд цудæй æндегæй, еудадзуг нæмæ знаггадæгæнæги цæстæй кæцæй кæсунцæ æма нæмæ æверхъаудзийнæдтæй кæцæй æвзедунцæ, уоми ’нцæ æ уедæгтæ. Æ нисанеуæг дæр бæлвурдæй бæрæг æй – Цæгат Кавкази медæги уавæр ниххæлхъойтæ кæнун. Фудгæнгутæ сæ уодти мæгурдзийнадæй уотæ æнгъæл æнцæ æма син бантæсдзæнæй ами аллихузон динти минæвæртти ’хсæн хæлар рахастдзийнæдтæ фехалун, фæккæрæдземæ сæ кæнун. Фал уомæй хъæбæр рæдуйунцæ, сæ мæнгард фæндитæй неци рауайдзæнæй. Абони уæрæсейаг æхсæнадæ федарæй лæдæруй уой, æма нури цардарæзти вазуггин уавæрти нæ сæйрагдæр ервæзунгæнæг æй нæ еудзийнадæ, айдагъдæр нæ æмзунд-æмвæндæ архайди фæрци нин бантæсдзæнæй нæ цардиуагæ сабур æма зæрдæмæдзæугæй аразун. Дзиллæ ’й уинуй, фудгæнгутæ ци æверхъаудзийнæдтæ аразунцæ, етæ цæйбæрцæбæл æлгъистаг æнцæ, адæймагуарзондзийнадæн си бунат æгириддæр ке нæййес, нæ кæрæдзебæл нæ мæстæйдзагæй ардауæг ке ’нцæ, уой.

Уомæ гæсгæ ба гъæуама æвдесæн еудзийнадæ æма нæ царди сабурдзийнадæ багъæуай кæнæн нæ æмзунд-æмвæндæ архайди фæрци.

Æхсæнадæ уинуй, уæхæн фудракæндти адæймагдзийнадæн бунат ке нæййес, е æй ардауæн мадзал. Нæ республики тухи структуритæ дæр сæ архайд аразунцæ карздæр хузи фæткæмæ гæсгæ. Æнхæст кæнунцæ æхсæнадон бунæттæ, базарадон центртæ, социалон косæндæнттæ багъæуай кæнуни мадзæлттæ. Уой хæццæ ба ма Сергей Меняйло Цæгат Иристони цæргутæн бафæдзахста, цæмæй сæхе гъæуай кæнонцæ тухстаг уавæртæй, фуртаси хай ма фæууонцæ:

– Ардаугути къуар уомæ бæллуй, фæндуй сæ еугур Цæгат Кавкази аллихузон динти æма адæмти ’хсæн буцæутæ ракъахун. Уомæй си ке неци рауайдзæнæй, е ни федарæй æруагæс кæнуй. Æцæг, нæ еугурдæр гъæуама лæмбунæгдæр, къæрцгъосдæр уæн! Айдагъдæр официалон дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæбæл æууæндетæ. Æнсувæрон Дагестанæн ба мæ зæрдæ уой зæгъуй, цæмæй уодæй федар уонцæ. Дагестани разамонæг Сергей Меликови хæццæ телефонæй дзурдтон. Загътон ин, Иристон цæттæ ’й фæййагъаз кæнунмæ. Еугур фудгæнгутæ дæр æфхуæрд ке æрцæудзæнæнцæ, е ми æруагæс кæнуй, – загъта Сергей Меняйло.

Республикæ Цæгат Иристон – Аланий Сæргълæууæг æма Хецауади пресс-службæ

We recommend to visit

🧑‍🧒Блог о жизни с сыном, с бабулей и дедом. Тебе понравится наша семейка!
☀️Семейные ценности
✈️Много путешествуем

РНК: https://knd.gov.ru/license?id=673206773438580dea7885d0&registryType=bloggersPermission

Pr: @shestak_marina @ksuulover @Sofia200820

Last updated 1 месяц назад

🐾 TATUAGEM 🐾
Bem-vindos ao Canal Galera!
➠Se você curti tatuagens e está afim de fazer alguma, você está no lugar certo!

Last updated 3 недели, 5 дней назад

☾ ᴄᴀɴ ʏᴏᴜ sᴇᴇ ᴛʜᴇ sᴛᴀʀs sʜɪɴɪɴɢ ᴛᴏᴏ?

ᴏᴡɴᴇʀ: @boobas_word
ɪɴғᴏ: @ephiinfo
ᴘʀɪᴄᴇ: @epiprice

ᴀɴᴏɴ: @epiphanyanonbot

ɴᴀᴠɪɢᴀᴛɪᴏɴ: https://t.me/epiphanysepiphany/7

Last updated 2 недели назад