СапÆ

Description
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Advertising
Tags
We recommend to visit

Last updated 3 months, 3 weeks ago

????????? ???? ??? ???????? ??... ??é????????? ?? ????ç??? ??

?????????? ???

???? ?? ????? ?????? : https://t.me/Telecharge_vf

???????é????? ?

Last updated 6 months ago

بــِســْـــــمــِ الــلــّٰهِ الــرَّ حــْمــَنــِ الــرَّ حــِيم
Bismillahir Rohmanir Rohiym💫
Unutmang! Musibatlar qancha ulkan bo'lmasin Alloh buyukdur☝️

Reklama uchun: @DuolarRek

Last updated 5 days, 20 hours ago

18 hours ago
22 hours ago

🎵 Багаты Шота — «Азар-ма мын»

#Сапӕ_playlist

22 hours ago
2 months, 4 weeks ago
2 months, 4 weeks ago

Ӕппӕты асламдӕр сты футбол ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕст: сывӕллоны спортивон секцимӕ кӕнын Дзӕуджыхъӕуы цас сысты

?Сентябры канд ног ахуыры аз нӕ райдайы, фӕлӕ ма ныййарджытӕ мӕты бацӕуынц, сӕ кӕстӕрты цавӕр секцитӕм радтой, зӕгъгӕ. Иуӕй, спорты хуыз равзарын хъӕуы, иннӕмӕй та, цӕй аргъ сыстдзӕн, уый дӕр ахъуыдыйаг у. «Сапӕ»-мӕ дӕр цымыдисаг фӕкаст. Ӕргътӕ базыдтам тренертӕй ӕмӕ сӕрмагонд дуканиты.

Ӕппӕты зынаргъдӕр разынд къӕлӕттыл аив бырынӕй спорты хуыз. Къуыри 3 хатты тренировкӕтӕ кӕнгӕйӕ, мӕйæн бафидын хъӕуы 7-9 мин сомы. Тренировкӕтӕ вӕййынц профессионалтæн ӕмӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн чи ахуыр кӕны, уыдонӕн. Цӕуӕн сӕм ис, 5 азы кӕуыл сӕххӕст, уыдонӕн. Ахӕм аргъ ма сыстдзӕн хоккейы секци, фӕлӕ сын уым спортивон уӕлӕдарӕс сӕхӕдӕг дӕттынц.

Дыккаг бынаты ис теннис. Къуыри 3 хатты тренировкӕтӕ кӕнгӕйӕ, мӕйӕн бафидын хъӕуы 6 мин сомы. Ракеткӕтӕ ныййарджытӕн сӕхицӕн ӕлхӕнгӕ сты. Тренер куыд радзырдта, афтӕмӕй, рӕстӕмбис нымадмӕ гӕсгӕ, иу ракеткӕ 5 мин сомы кӕны. Уӕлӕдарӕсмӕ бӕлвырд домӕнтӕ нӕй, кӕмӕн куыд йӕ бон у, ахӕм спортивон уӕлӕдарӕсы цӕуы.

Уӕдӕ ленк кӕнын сахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны та ӕрвылмӕй сӕ дзыппӕй цыппаргай мин сомы исын хъӕудзӕн. Худ, уӕлӕ- ӕмӕ къахыдарӕс — алцыдӕр ӕлхӕнынц ныййарджытӕ.

Иу мӕй футболӕй архайыны аргъ у 4 мин сомӕй уӕлӕмӕ. Уӕлӕдарӕс, кӕмӕн йӕ къух куыд амоны, афтӕ. Сӕйрагдӕр у сӕрмагонд къахыдарӕс — бутсӕтӕ ӕмӕ «сороконожкӕ»-тӕ.

Йӕ сывӕллоны аивадон гимнастикӕмӕ радтынвæнд чи скӕна, уыдон мӕй фиддзысты 2,5 мин сомы. Ахӕм дзуапп нын радтой 3 секцийы. Тренировкӕтӕм хицӕн уӕлӕдарӕс нӕ хъӕуы, фæлæ ерыстӕм — о.

Ирон кӕфтыты къордмӕ цӕуыны аргъ у мӕй 1,8-2 мин сомы. Ам домӕнтӕ хицӕн кӕнынц. Зӕгъӕм, кафджыты скъолаты сывӕллӕттӕн балхӕнын кӕнынц ансамблы нысанимӕ футболкӕ. У мин сомы бӕрц.

Уыйхыгъд, горӕты уӕгъдибар хъӕбысхӕсты секцитӕм цӕуӕн ис лӕвар. Тренировкӕты лӕппутӕ хъуамӕ уой спортивон уӕлӕдарӕсы, ерысты та — сӕрмагонд трикойы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

3 months ago

Алагиры цӕрӕг амардта йӕ сыхаджы куыдзы, йӕ кӕрчыты йын кӕй бахордта, уый тыххӕй

?Пъӕлицӕмӕ хъаст ныффыста 38-аздзыд К. Мӕдинӕ. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй йын йӕ куыдзы мард йӕ сыхаг радта. 55-аздзыд А. Марат куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй куыдз знӕтхуыз уыд ӕмӕ кӕрчытӕм лӕбурдта. Нӕлгоймаг ыл куы фӕхъӕр кодта, уӕд ыл куыдз фӕхӕцынмӕ хъавыд. 

Нӕлгоймаг бацыд хӕдзармӕ, райста йӕ пневматикон топп ӕмӕ йӕ фӕтӕрсын кӕныны тыххӕй цалдӕр хатты нӕмыг суагъта. Фӕстӕдӕр ӕй мардӕй куы федта, уӕд рабæрæг, кӕй йыл сӕмбӕлд. Нӕлгоймаг мард куыдзы йӕ хицаумӕ ӕрбахаста.

➡️ Байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

3 months ago
3 months ago

Петардӕты срӕмыгъдӕй 7-аздзыд камбилеевкӕйаг лӕппуйӕн атахтысты йæ æрмттæ

?«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй сывӕллон тынг уӕззау уӕвӕры ис. Йӕ цӕсгом у сыгъд, йӕ къӕхтӕ — цӕфтӕ.

7-аздзыд лӕппу хӕдзары фарсмӕ ссардта ӕхсыры ӕфсӕн къопп. Бавӕрдта дзы петардӕ ӕмӕ чысыл рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ, афтӕмӕй срӕмыгътой. Сывӕллоны раздӕр аластой Горӕтгӕрон районы рынчындонмӕ, уырдыгӕй та — Сывӕллӕтты республикон клиникон рынчындонмӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

We recommend to visit

Last updated 3 months, 3 weeks ago

????????? ???? ??? ???????? ??... ??é????????? ?? ????ç??? ??

?????????? ???

???? ?? ????? ?????? : https://t.me/Telecharge_vf

???????é????? ?

Last updated 6 months ago

بــِســْـــــمــِ الــلــّٰهِ الــرَّ حــْمــَنــِ الــرَّ حــِيم
Bismillahir Rohmanir Rohiym💫
Unutmang! Musibatlar qancha ulkan bo'lmasin Alloh buyukdur☝️

Reklama uchun: @DuolarRek

Last updated 5 days, 20 hours ago