✨ Telegramda @wenzone_gr rasmiy kanali shu qolganlari fake ‼️
Reklama ? @wenzone_reklama ?
Last updated 1 year, 5 months ago
ᴼᶠᶠⁱᶜⁱᵃˡ_ɴɪɢɪɴᴀ_ᴍᴀᴋʜᴍᴜᴅᴏᴠɴᴀ
"ᴴ̶ᴬ̶ᴮ̶ᴵ̶ᴮ̶ᴵ̶ ̶ᴸ̶ᴵ̶ᶠ̶ᴱ̶" Iɴᴛᴇʀɴᴀᴛɪᴏɴᴀʟ ʙᴜsɪɴᴇss ʟᴀᴅʏ!
@Official_Habibi_Life_chat
Last updated 1 year, 5 months ago
Абайты Васойы фӕдзӕхст
"Мӕ кӕстӕртӕм!
Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвззаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты хсæн дæр тæссаг раны бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у – адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм! Æппæты фыццаг – хадзары мидæг, бинонты хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй:
“АМ ИРОНАУ (ДЫГУРОНАУ) ДЗУРЫНЦ”.
Абон Абайты Васойы райгуырдыл сӕххӕст 124 азы
Ис ахӕм гӕнӕн ӕмӕ Ацӕмӕзы тыххӕй кадджытӕ Кавказы арӕнтӕй дарддӕр ахызтысты ӕмӕ сӕ фӕд ныууагътой, цӕгатырдыгӕй чи цӕры, уыцы адӕмты культурӕты дӕр.
Цӕвиттон, иртасджытӕ фӕнысан кӕнынц марийаг ном Асамат 'мӕ чувашаг дзырдбаст "Асамат кĕперы"-имӕ, (ома "арвӕрдын"
комкоммӕ та йӕ куы ратӕлмац кӕнӕм уӕд уыдзӕн "Асаматы хид") параллельтӕ. Ацӕмӕзы фӕлгонц уалдзыгон бонтимӕ баст кӕй, уымӕ гӕсгӕ, ахӕм æнгæсдзинадӕн ис бынат.
Цымыдисаг ма уый у, ӕмӕ рагон марийӕг ном Патраш, ӕвӕццӕгӕн, баст у Нарты Батрадзимӕ.
Эмиль Чоран фыста: "Адӕймаг бӕстӕйы нӕ цӕры, цӕры ӕвзаджы мидӕг. Фыдыбӕстӕ ӕвзаг у ӕмӕ ӕндӕр ницы". Ӕмӕ 'цӕгӕй дӕр, ӕвзаг канд информаци дӕттыны фӕрӕз нӕу, фӕлӕ ма у культурӕйы, адæмы мысӕнуаты ӕмӕ цардыуаджы арф ӕвдисӕг.
Фыдыбӕстӕ у, ӕвзаг кӕй сфӕлдыста, уыцы миддунейы ӕцӕгдзинад. Адӕймагӕн йӕ бон у йӕ бӕстӕ ныууадзын, фӕлӕ уыцы уавӕры дӕр ӕвзаг баззайы, лæгæн йӕ ивгъуыд чи бахъахъхъӕны, ахӕм мадзаллæй.
Не 'взаг сафгӕйӕ нæхи дæр сафӕм. Ӕвзаг уды хӕдзар у, ӕмӕ, суанг дунейыл хъеллау кӕнгӕйӕ дӕр, адӕймаг хӕдзары баззайы, цалынмӕ йӕ мадӕлон ӕвзагыл хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕнкъарын фӕразы, уӕдмӕ
#qwydytæ
Инӕлар - маршал Юбер Лиотэйы гуманон колониализм
Фӕлтӕрд ӕфсӕддон уӕвгӕйӕ, Лиотэйы нӕ фӕндыд, Алжиры цы рӕдыдтытӕ сыл æрцыд, уыдон фӕлхат кӕнын, уым "сабырдзинадмӕ тыхфбаст"-ы процесс адаргъ дӕсгай азты дӕргъы дыууӕрдыгӕй дӕр дзӕвгар зиантимӕ. Европӕйаг административон модельтӕ хъарыны бӕсты йе 'ргом аздӕхта бынӕттон адӕмы ӕууӕнк фидар кӕнынмӕ, традицион хицаудзинады институттӕ бахъахъхъӕнынмӕ ӕмӕ мароккайнаг хицауадимӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ
Фӕлӕ уӕддӕр, бынӕттон институтты хъахъæд нӕ ивта Лиотэйы системӕйы империон ӕрдзыхъӕд. Французаг чиновниктӕ разамынд лӕвӕрдтой хицауады ӕппӕт департаменттӕн-финанстӕн, ӕхсӕнадон куыстытӕн, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынӕн, ахуырадӕн, юстицийӕн ӕмӕ 'ндӕртӕн. Мароккайнӕгты бӕрны баззадысты дины фарстатӕ, исламы тӕрхондӕттӕ 'мӕ ӕндӕр ахӕм æнæхсызгон хабӕрттӕ. Афтӕмӕй, Лиотэйы системӕ бынӕттон адӕмӕн лӕвӕрдта мӕнг стимултæ французаг колониалон администрациимӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ. Лиотэ ӕмбӕрста, мароккайнаг элитӕтӕ бӕстӕйы разамынд дӕттыны хъуыддаджы куы архайой, уӕд, колониалон ӕгъдау цӕмӕй уа, уый тыххӕй ӕфсӕддон тыхӕй пайда кӕнын дзы нал хъæудзæн.
Уыйадыл ахӕм "гуманон колониализм" (ӕви soft power) мароккайнӕгтӕн сарӕзта хӕдбардзинады илюзи ӕмӕ 'мрæстæджы ахъаз кодта францаг протекторат сфидар кӕнынӕн.
Эпикуры хуызӕн ут:
καὶ χαλεπωτάτων δὲ καιρῶν κατασχόντων τηνικάδε τὴν Ἑλλάδα, αὐτόθι καταβιῶναι, δὶς ἢ τρὶς [εἰς] τοὺς περὶ τὴν Ἰωνίαν τόπους πρὸς τοὺς φίλους διαδραμόντα. Laert. 10.10.
"Кӕд уыцы заманты Элладӕйыл уӕззау бӕллӕхтӕ 'ртыхстысты, уӕддӕр йӕ цард уым арвыста, ӕрмӕст дыууӕ кӕнӕ' ртӕ хатты Ацыд Ионимӕ йе'мбӕлттӕм"
Иу ахӕм бӕллӕхы тыххӕй Фыссы Плутарх Полиоркеты Деметрийы цардфыссынады, кӕй ӕрхъулайы тыххӕй Афинӕтӕ' вирхъау ӕххормагӕй тыхстысты:
τότε καὶ τὸν φιλόσοφον Ἐπίκουρον ἱστοροῦσι διαθρέψαι τοὺς συνήθεις κυάμους πρὸς ἀριθμὸν μετ' αὐτῶν διανεμόμενον. Plut. Demetr. 34
"Куыд дзурынц, афтӕмӕй-иу уӕд философ Эпикур дӕр йе' мбӕлттӕн бахӕрын кодта хъӕдуртӕ, уыдон-иу банымадта ӕмӕ-иу сӕ байуӕрста се 'хсӕн"
Эпикурейаг философимӕ гӕсгӕ цин ссарӕн ис хуымӕтӕг хъуыддӕгты мидӕг.Тӕккӕ зындӕр рӕстӕджыты дӕр ахсджиаг у хӕлардзинадӕн аргъ кӕнын, рӕстӕй цӕрын, уӕлдай митӕй хи хизгӕйӕ, ӕмӕ уды ӕнцойадмӕ тырнын.
Фæдисхъæрау æртахт æцæгæлон зæххæй нæ фыццаг поэты уынгæг хъæлæс: «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ!» Кæмæ фехъуысти хъæбулы ныхас? Чи йæ рахаста дзыллæйы рæгъмæ? Ныййарæг зæхх. Цымæ цы уыдаид, Темырболат ацы тутæрхæм зарæг туркагау куы ныффыстаид, уæд? Йæ хъæлæс къонайæ фесхъиуæггаг æхсидавау ахуыссыдаид Анатолийы быдырты. Зарæг цæфтæй, фæлæ цардæгасæй æрыздæхти фыдæлты артдзæстмæ. Ирон дзырды фарнæй!..
Хъодзаты Æхсар
Мӕсыг хи дурӕй кӕлы. Уыцы уавӕр ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ раздӕр бамбӕрста Брытъиаты Елбыздыхъо. Йӕ пьесӕ "Уӕрӕседзау" хуыдта "хъӕлдзӕг ныв", фӕлӕ дзы райгондӕй ницы и хъуыдыджын адӕмӕн, фыст у масты цӕстысыгтӕй. Цӕлуарзаг Муссӕ "ӕгъдауджынӕй" Уӕрӕсемӕ афтыд ӕмӕ бынтон ӕнӕгъдауӕй ссыди цалдӕр азы фӕстӕ. Ирыстонӕй ӕууӕнк ахаста ӕмӕ йӕ Уӕрӕсейы ныууагъта. Уымӕй уӕлдай аивта йӕ мӕгуыр удыгъӕд, райста уырыссаг зӕрдӕ, уӕздӕтты къӕхтӕ сӕрфгӕйӕ, ферох кодта йӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ дзуры уырыссагау арвистонӕй.
Елбыздыхъойы заман муссӕтӕ иугӕйттӕ уыдысты, фӕлӕ уыдоны низӕй тарсти фӕрынчынӕй ирон фӕсивӕдӕн, ӕмӕ, цӕмӕй тарсти, уый нӕ баййӕфта: абоны уӕрӕседзаутӕн банымайӕн дӕр нал и.
#literaturӕ
✨ Telegramda @wenzone_gr rasmiy kanali shu qolganlari fake ‼️
Reklama ? @wenzone_reklama ?
Last updated 1 year, 5 months ago
ᴼᶠᶠⁱᶜⁱᵃˡ_ɴɪɢɪɴᴀ_ᴍᴀᴋʜᴍᴜᴅᴏᴠɴᴀ
"ᴴ̶ᴬ̶ᴮ̶ᴵ̶ᴮ̶ᴵ̶ ̶ᴸ̶ᴵ̶ᶠ̶ᴱ̶" Iɴᴛᴇʀɴᴀᴛɪᴏɴᴀʟ ʙᴜsɪɴᴇss ʟᴀᴅʏ!
@Official_Habibi_Life_chat
Last updated 1 year, 5 months ago