Админ - @Gals1
Last updated hace 10 meses, 3 semanas
Админы
@DmitrySed @Adm_ps @Alexa9613
Last updated hace 1 año, 5 meses
اللهم أرينا الحق حقا
Йа Аллахl Тхуна бакъ дерг бакъ долш гайта ахь.
وارزقنا اتباعه
Оц бакъон тlехь дlа дах пурба ло Ахь.
وأرناالبا طل باطلا
Тхуна харц дерг харц гайта Ахь .
وارزقنا اجتنابه
Тхо оц харцонах генаъ даха Ахь .
Last updated hace 1 mes
? Мады-Майрæмы бæрæгбоны ракуывд.
?? Телекомпани “Осетия-Ирыстон” бацæттæ кодта сæрмагонд цикл, кувын хуыздæр кæй фæнды сахуыр кæнын, уыдонæн.
Видеотæ сты æххуысгæнæн æрмæджытæ, цæмæй адæм зоной, раст æмæ рæсугъд куыд кувгæ у, уый.
БЕСОЛТЫ Дианæ æмæ музыкалон къорд HEAT BEAT BAND.
ХЕТÆГКАТЫ Къоста. Мæ Иры Фæсивæд.
#журналмахдуг
**Рафыссæм журнал «Мах дуг»
Зынаргъ хæлæрттæ!*✔️*Райдыдта 2025 азы фыццаг æмбисæн газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны кампани. Йæ зæрдæ ирон æвзаг æмæ литературæйыл æнувыд кæмæн у, уыдонæн 2025 азы фыццаг æмбисæн журнал «Мах дуг» сæ бон рафыссын у «Уæрæсейы пост»-ы кæцыфæнды хайады дæр.*✔️*Нæ индекс: 37247. Аргъ – 795 сомы æмæ 42 капеччы (афæдзы æмбисæн), льготæтимæ – 731 сомы æмæ 34 капеччы.*✔️*Журнал асламдæр аргъæй, 400 сомæй, рафыссæн ис редакцийы. Афæдзæн та – 800 сомæй.**
?Нæ адрис: г. Дзæуджыхъæу, Къостайы проспект, 11-æм хæдзар, 2-аг уæладзыг.
Редакцийы телефонтæ:
25-09-64, 25-09-74,
8 (962) 743 58 78, 8 (918) 835 33 56**
САГ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН
(Æмбисонд)
Лæппын саг йæ фыды бафарста:
— Баба, ды куыйтæй стырдæр æмæ цæрдæгдæр куы дæ, дæ егъау сыкъаты фæрцы дæр дæхи фыдбылызæй куы бахиздзынæ, уæд афтæ тынг цæмæн тæрсыс куыйтæй?
Саг бахудт æмæ дзуапп радта:
— Раст зæгъыс, хъæбул. Фæлæ йæ бæллæх уый у, æмæ куыйты рæйын мæ хъустыл куы ауайы, уæд, хъуыды нæма акæнын, афтæмæй лидзынмæ фæвæййын.
ЛЕВ ТОЛСТОЙ
Мамыкъаты Хъазыбеджы тæлмац
#журналмахдуг
НАНА
Нана, дæ рухс фæлгонц та мæнæ,--
Дæ фыдуаг сау лæппумæ рцыд...
Дæ уарзон цæстæнгас мæ уæлæ,
Æнкъарын де
гъуыстаг рæвдыд...
Æруадз дæ фæлмæн къух мæ сæрыл,
Куыд тынг мæ хъæуы ныр йæ хъарм...
Лæууын мæ зымæджы къæсæрыл,
Уæддæр мæ тынг хъæуы дæ фарн..
Дæ рус уымæл уыди цæссыгæй,--
Дæ зынтæн ранымайæн нæй...
Уæддæр дæ фæлмæн уаз рæвдыдæй,
Æфсæстдæр чи уыди мæнæй...
Дæ удварн фидар уыд цæнгæтау,
Нæ уыди роггæнæг дæ уаргъ...
Уæрстай хъарутæ æнæвгъау,
Фæхастай сидзæргæсæй мах...
Уæддæр дæ фæлмæн худт нæ тади,
Цы тых дæм уыд æмæ кæцæй?..
Дæ удварн мах тыххæй фæцарди,
Дæ уарзтæн абарæнтæ нæй...
Дæуæй æгæрон лæггад дарын,
Дæ фарн нæ амæлдзæн - æмбар...
Нæй,нæй... дæ аккаг дзырд нæ арын,
Фæлæ дæ хъæбулæн ныббар!..
Цоциты Емдзар
#журналмахдуг #мад
Админ - @Gals1
Last updated hace 10 meses, 3 semanas
Админы
@DmitrySed @Adm_ps @Alexa9613
Last updated hace 1 año, 5 meses
اللهم أرينا الحق حقا
Йа Аллахl Тхуна бакъ дерг бакъ долш гайта ахь.
وارزقنا اتباعه
Оц бакъон тlехь дlа дах пурба ло Ахь.
وأرناالبا طل باطلا
Тхуна харц дерг харц гайта Ахь .
وارزقنا اجتنابه
Тхо оц харцонах генаъ даха Ахь .
Last updated hace 1 mes