Журнал ИРÆФ / ИРАФ

Description
Литературно-художественный и общественно-политический журнал на дигорском (осетинском) языке. Выходит 4 раза в год.
Advertising
We recommend to visit

Все о финансах, инвестициях и технологиях

Сотрудничество — @TGowner999

Больше информации о нашей сети: https://t.me/TGownerTOP

Last updated 1 day, 10 hours ago

Бизнес-журнал "Слияние с поглощением".

Справедливая оценка деятельности предпринимателей и сильных мира сего.

Формируем смыслы и оценки с 2018 года.

Связь: @SliyanieAnd_Bot
Почта: [email protected]

Last updated 2 months ago

Крупнейший канал про тренды из мира IT, технологий и бизнеса.

По рекламе: @justcage

Канал сотрудничает с рекламным сервисом @Tgpodbor_official и @swaymedia

Last updated 1 day, 19 hours ago

1 day, 1 hour ago

ХИДИРТИ Ехйа

МАДИ УАРЗТ

Хæфсæмæ дæр æ бæдолæ
Хори тунæ, дан, кæсуй.
Мадæмæ дæр æ хъæболæ, -
Цъифи дæр ин æй нивдолæ, -
Цидæр хори гъар xæccуй.

Сувæллонæй æй æ рони
Радав-бадав фæккæнуй.
Ку ин бахауй зин бони,
Уæд уой азарæй æмбойни
Сах æ хурфи никкæуй.

Æ хъæболи исустурмæ
Берæ æнзти фæббæлуй.
Ку ин рандæ уй ескумæ,
Исберæ уй уæд æ хъурмæ,
Æрхунæй ибæл мæлуй.

Æ хъæболæ царди тонхи
Ку рацæуй æд æгъдау,
Нæ фæуунцæ уæд иронхи
Æ зин бæнттæ царди тохи
'Ма ходуй е уæд хорау.

Æ хъæболæ царди 'варди
Ку рæдуйа еудадзуг,
Тæхсгæ фудтæ, cæдæ марди
Æрфестæг уй уæд æ царди,
'Ма хуæруй æй цæcтисуг.

Мади уарзтæн ци 'й æ цори
Е цъæх денгиз, е цъæх арв?
Ци 'й æ цори зæнхи къори,
Кæд æма молуй зинг хори
Æ уарзтæй тавгæй е мах!

1 day, 4 hours ago
Журнал ИРÆФ / ИРАФ
3 days, 18 hours ago

ХАЙМАНТИ Антонинæ.

МЕТИ ÆРУАРД
Этюд

Фиццаг бон æй цæппорсей мæйæй. Æхсæвæмæ æруардта уæраги сæрмæ мет. Арвæй цума сарсийнæй лæурста, уоййау, æрлæууæн ин нæбал адтæй. Æрæмбарзта хуæнхтæ, гъæдтæ, игуæрдæнтæ. Уорс-уорсид зиннуй бæстæ. Баймир æй дуйне, берæгъ гъæди стонгæй неуй. Робаси фæдтæ мети хурфи зиннунцæ, нæ кæркдони дуармæ дæр ин рауидтон æ фæдтæ и цъамар цæрæгоййæн. Хæдзайраг фонс стойни æрсабур æнцæ, хуасæ син ниввардта хæдзари хецау. Нæ къæбис ба æхе мети хурфи уæд еуæрдæмæ фехсуй, уæд иннердæмæ, гъазуй æхецæн. Нæ тикис мет æппундæр нæ уарзуй, радаргъ уй пеци цори ’ма гъари хуссуй.

Сæумæраги алли пецæй дæр хъуæцæ искæлуй, хуæнхбæсти цард æндæрхузи æй. Алли хæдзари цори дæр цургъдæй лæуунцæ согти хæрхитæ зумæгмæ.

Æнгъæл кастан, мет ратайдзæй, зæгъгæ. Фудбон ’ма фудлæг берæ нæ хæссунцæ. Фал æхсæви ба бурдæнтæ ниййагайдта. Æгас æхсæвæмæ дуйней хъæпæнтæ æрæвардта. Думдта алли комæй дæр: Сонгути , Хæреси, Билæги, Æхсинтти кæмттæй.

Еци хъæпæнтæ рагуалдзæгæй раздæр нæбал æртайдзæнцæ, фал уæддæр еу афони фесæфдзæнцæ, донæй рандæуодзæнцæ коммæ.

Цума мæн зæрди хъæпæнтæ ба кæд байдуйдзæнцæ?

3 months, 1 week ago

Журнали архивæй.

ГУРДЗИБЕТИ Барис.

ÆРДЗИ ФÆТГÆ

Хор кæсуй, фал талингæ ’й, адæймаг си æ развæндаг дæр нæ уинуй. Æрдзæ сабур æй, æрмæст уадæ телуй æ гæндзæхтæ. Ирд æй арви гъæбес – сауæдонау кæдзос, фал нæруй арв, содзгæ æхседæрвтæ тæхунцæ.
О, баталингæ æй. Дзиназуй думгæ хæссуй сæлфунæг. Е хумæтæги нæй, е æрдзи фæтгæ æй. Хæстæг кæми дæр ниййерæг æма бæдолæ кæрæдземæй æртæсунцæ æносмæ.
Нæруй арв, е бæдоли æнæкæрон маст æй. Сæлфунæг – æ содзаггаг цæстисугтæ. Неуй арв, е ба æ зæрди уæззау гъæрзт.

3 months, 1 week ago

Журнали æртиккаг номери кæсетæ Акъоти Виктори исфæлдистдæ.

АКЪОТИ Виктор

МАДÆ

Æнхъуæт бони дунги сатæг
Ци ’хцæуæн исуй зæрдæн.
Дæ фæууиндæ, о, мæ мадæ,
Адгин æй уоййау мæнæн.

Гъар кодтай мæнæн мæ къæхтæ
Дæ комитулфæй æдзох.
Дæ реугудур – не ’стур зæнхæ,
Уобæл даринæ мæ къох.

Цæбæл рабарон дæ адæ,
Алцæй ном дæр имистон:
Еугур æрдзи адгийнадæ
Æз дæ реутæй исистон.

Куд рæсугъд уисæ, мæ мадæ,
Рæвдауидæ мæн де ’нгас.
Цъухи дзурди рæвдудадæ
Нур дæр ма ’й мæ тоги ’гас.

Фал мин мæнæ исæдух дæ,
Фæллæкъундзаст æй дæ каст...
Догъ фæккодтай, никъкъулух дæ,
Де ’взонг хъаурæ ба ’й нур саст...

Ду цума дæ æнæртæфсгæ
Зумæгон уазал рæстæг,
Рацæуис мин, тæлфгæ-тæлфгæ,
Æй де ’нцойнæ дæ лæдзæг.

Ци тагъд-тагъдæй базæронд дæ,
Дæ дзигготæ – уорс метау.
Гъеуæддæр мин куд хуæрзконд дæ,
Куд рæсугъд дæ фиццагау!

Куд не ’ййевуй фæллад зæрдæ –
Уарзис мæн нигки фулдæр;
Нæ дин тайуй адгин хуæрдæ
Раздæрау ме ’ной нур дæр.

Мæ ниййерæг, æнæнцойнæ,
Дæу æдзохдæр рæвдаун;
Æдæхсæвæ-æдæбонæ
Æз дæ уорс дзикко даун.

Ехх!.. уæдта дин ку бæззинæ
Дæ фенцойнæн мæхуæдæг,
Раййевинæ, раййевинæ
Æз мæхецæй дæ лæдзæг.

Кенæ фурти гъардзийнадæ
Ку уидæ дæуæн мадзал,
Фестинæ дин хор, мæ мадæ,
Расоринæ дæ адзал.

3 months, 2 weeks ago

Нæ журнали 3-аг номери ДЗАСОХТИ Музафери цуппаррæнгъонтæй.

СÆРИБАРДЗИНАД

Фæвæййы зымæг, даргъдæр
Кæны æрвылбон бон...
Сызгъæринæй зынаргъдæр
Сæрибардзинад хон.

#журналИрæф #ДзасохтиМузафер #иронÆвзаг

We recommend to visit

Все о финансах, инвестициях и технологиях

Сотрудничество — @TGowner999

Больше информации о нашей сети: https://t.me/TGownerTOP

Last updated 1 day, 10 hours ago

Бизнес-журнал "Слияние с поглощением".

Справедливая оценка деятельности предпринимателей и сильных мира сего.

Формируем смыслы и оценки с 2018 года.

Связь: @SliyanieAnd_Bot
Почта: [email protected]

Last updated 2 months ago

Крупнейший канал про тренды из мира IT, технологий и бизнеса.

По рекламе: @justcage

Канал сотрудничает с рекламным сервисом @Tgpodbor_official и @swaymedia

Last updated 1 day, 19 hours ago