Официальный канал Анжелы Перл
Сайт: https://angela-pearl.com/taplink
Last updated 4 weeks, 1 day ago
Официальный канал группы АРИЯ🎸
📲ЧАТ: https://t.me/ariaruchat
🔻ВК: vk.com/aria_official
🔻YouTube: youtube.com/user/AriaRussia
Last updated 1 week, 5 days ago
Тохы дæр æмæ куысты дæр…
#Стыр_Уæлахизы_бонмæ
Не Стыр Райгуырæн бæстæ уæззау уавæры куы бахауд, уæд фæстæ нæ фæлæууыдысты Ирыстоны фырттæ дæр æмæ ивылдысты тохы быдырмæ. Цæвиттойнаг уыдысты ацы хъуыддаджы Къостайыхъæуы сагсур фæсивæд дæр. Уыдон хæрзбон дзырдтой сæ ныййарджытæн, сæ хиуæттæн æмæ тындзыдтой тохы быдырмæ. Алчи дæр дзы йæ хайбавæрд хаста не стыр Уæлахизмæ.
Хæсты фыццаг бонты хæстмæ фæцыдысты Гæбæраты, Гуццаты,…
Салдаты хъысмæт
#ницы_ферох
Стыр фыдыбæстæйон хæст адæмон историйы уыдис æппæты тугкалæндæр хæст. Советон æфсæддонты туг æмæ æхсарæй æлхæд у Стыр Уæлахизы бæрæгбон.
Уыцы хæстонтæй иу уыдис – Тадтаты Амзоры фырт Алыксандр. Уый райгуырдис 1919 азы хуымæтæг ирон хæдзары, Знауыры районы Тулдзыты хъæуы. 1940 азы æнтыстджынæй каст фæцис Аунеуы астæуккаг скъола.
Алыксандр фыццæгтимæ ацыдис хæстмæ бархионæй. Приволжьейы æфсæдтон…
Цхинвалы ахуыргӕнӕндӕттӕн се 'ртыккаг хайы рабӕрӕг кодтой санитарон аиппытӕ
🔻Афӕдзы райдианӕй Хуссар Ирыстоны фӕлхасгӕнджыты бартӕ ӕмӕ адӕймаджы хӕрзиуджытӕ хъахъхъӕныны къабазы хъусдарды фӕдыл комитет 20 ахуыргӕнӕндоны сарӕзта 108 лабораторон иртӕсты. Сӕ нысан уыд СанПиН-ы домӕнтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый сбӕрӕг кӕнын. Ведомствойы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, аиппытӕ сты 29%. Скъолайы агъоммӕ 12 уагдоны систой 356 анализы, сӕ 8% нормӕтӕн дзуапп нӕ дӕттынц.
Кастысты температурӕмӕ, уымӕладмӕ, рухсмӕ, доны хӕрзхъӕддзинадмӕ, цӕттӕ хӕринӕгтӕн сӕ бактериологон бӕрӕггӕнӕнтӕм, иртӕстой уӕлдӕфы сыгъдӕгдзинад ӕмӕ афтæ дарддæр.
Комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Маринӕ «Сапæ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй 2024 азы цы ивартӕ рафыстой, уыдон фылдӕр уыдысты скъолатӕ ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕттыл. Арӕхдӕр сывӕллӕттӕн хӕринаг кӕныны домӕнтӕ ӕмбӕлгӕ уагыл кӕй нӕ вӕййынц, уый тыххӕй. Уӕлдай фылдӕр хъӕндзинӕдтӕ рабӕрӕг кӕнынц ӕнӕрадон рейдты рӕстӕг.
💬 «Алцыдӕр хӕрзӕхсад нӕ вӕййы, кусджытӕ медицинон ӕркаст нӕ фӕцӕуынц, объекттӕ санитарон-гигиенон домӕнтӕн дзуапп нӕ дӕттынц, скъолаты ахуырдзауты нымӕц нормӕйӕ фылдӕр, хойрӕгтӕ ӕнӕ ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕй», — зӕгъы Коцты Маринӕ.
Ӕппӕт закъонхӕлдтытӕ арӕхдӕр вӕййынц адӕймаджы аххосӕй — бӕлвырддӕр зӕгъӕйӕ, организацийы кусджыты. Фӕлӕ дзы ис сӕхицӕй аразгӕ чи нӕу, ахӕмтӕ дӕр.
💬 «Республикӕйы ахуыргӕнӕндӕттӕй бирӕтӕ ӕмбӕлгӕ бӕстыхӕйтты не сты. Ахӕм дӕнцӕгтӕ бирӕ ис. Ай-гъай дӕр дзы аиппытӕ рабӕрӕг уыдзӕн. Цавӕр нормативон гӕххӕттытӕм гӕсгӕ хъуамӕ кусӕм, кӕд ӕмӕ скъола дыууӕ вагоны ӕрбынат кодта? Кӕнӕ хи хӕдзары?» — радзырдта «Сапӕ»-йӕн комитеты разамонӕг.
➡️ Коцты Маринӕ йе 'ргом аздӕхта сывӕллӕтты ӕнӕниздзинады фарстатӕм. Бӕлвырддӕр зӕгъӕйӕ та, скъолатӕ ӕмбӕлгӕ бӕстыхӕйтты кӕй нӕ ахуыр кӕнынц, уый алыхуызон низтӕм кӕй расайы, уымӕ. Зӕгъӕм, скъоладзауты фылдӕр хаймӕ рабӕрӕг сколиоз, плоскостопи, раст кӕй нӕ бадынц, уый аххосӕй фӕгуыбыргонд вӕййынц. Уӕлдай фылдӕр сывӕллӕттӕн сӕ хӕринагтайӕн систӕмӕ хъыгдард у, фылдӕр кӕны ӕвзӕрдӕр уынын чи райдыдта, уыдоны нымӕц.
Юмор æмæ сатирæ
*⚜️ САУ ÆМÆ «СЕРЫЙ» ССАД ⚜️*
Иу изæр фæскуыст редакцийы кусджытæ иумæ рацæуынц. Уырдæм æввахс уыд дукани æмæ йæ кусæг сыхаг сылгоймæгтимæ кауы фарсмæ æвæрд фæйнæгыл бадтысты. Куы сæм баввахс сты, уæд Резо хъæрæй дзуры:
- Хани, дæ магазины сау ссад нæй?
Уæд сау ссад стæм уыд, арахъхъ дæр уымæй уагътой æмæ хуытæн дæр хæринаг уымæй арæзтой.
- Ис, Резо, фæлæ мын æй æнæ «серый» ссадæй уæй кæнын нæ уадзынц, - дзуапп радта Пæрæстаты Ханиффæ.
- Æмæ сын фæхицæнгæнæн нæй? – фæрсы та Резо.
- Нæ, дæ низтæ, бар мын нæ дæттынц, æндæра …
- Диссæгтæ, - дзуры Резо, - лæг æмæ ус ссæдзгай азтæ иумæ фæцæрынц æмæ ахицæн вæййынц, фæлæ ссæдтæн фæхицæнгæнæн нæй!
Джиоты Павел
@XurZaerin
ЧЕХОЙТЫ АНАТОЛИ «… ответственность за судьбу страны…»
#Презентаци
20-æм апрелы Галаты Барисы хæдзар-музейы уыдис фембæлд-презентаци чиныг «Анатолий Чехоев. Ответственность за судьбу страны»-йæн. Презентаци баст уыд зынгæ политик æмæ æхсæнадон архайæджы райгуырæн бонимæ.
Чиныг рухс федта 2021 азы Чехойты Анатолийы 70-азы юбилеймæ. Хаст æм æрцыдысты политикы уацтæ æмæ ралæудтытæ. Йæ аразæг æмæ редактор у РХИ-йы сгуыхт журналист, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат, РХИ-йы Журналистты…
📖Дзырды фарн
Фыдыбæстæ, дæуæй мæнæн
зынаргъдæр, адджындæр нæ уыдис æмæ нæй.
Кочысаты Мухарбег✍🏽
Сыхаг – Хуыцауы лæвар!
Уый æцæгæйдæр афтæ у! Æз рагæй цæрын, фыццаг Войковы уынг кæй хуыдтой, уым, ныр та у Рождественская.
Хорз сыхæгтæ мын ис. Фæлæ мæ ног сыхаг, Абойты чындзæй диссагдæр сыхаг кæм ис! Рæсугъд, хæрзконд сылгоймаг у, йæ архайд, йæ митæ та мæ цины уавæры æвæрынц. Йæ фæзындæй абоны онг кæрт аивæй-аивдæр кæны! Уæд та бавнæлдта нæ хæдзар барæсугъддæр кæнынмæ. Уый уынгæйæ, æз йæ фарсмæ æрлæууыдтæн. Алцæмæй æмгуыст кодтам, æмæ хæдзар йæ хуыз скалдта. Кæд-иу исты капекк ба-хъуыд, уæд-иу сыхæгтæ уайтагъд æнæзивæгæй уыцы æхца рамбырд кодтой. Ныр аргъуанмæ алы рæттæй экскурсийы куы ссæуынц, уæд, хæдзармæ кæсгæйæ, фæзæгъынц, ам, æвæццæгæн, хицауад цæры, зæгъгæ.
Хицауад нæ, фæлæ Хуыцауы лæвар Абойты чындз Фатимæ цæры ам, нæ диссаджы ирон хæрзконд сыгъдæгзæрдæ сылгоймаг. Ахæм сыхæгтæ алкæмæн дæр уæд!
Дзбойты Михал,
Цæгат Ирыстоны
адæмон нывгæнæг
Официальный канал Анжелы Перл
Сайт: https://angela-pearl.com/taplink
Last updated 4 weeks, 1 day ago
Официальный канал группы АРИЯ🎸
📲ЧАТ: https://t.me/ariaruchat
🔻ВК: vk.com/aria_official
🔻YouTube: youtube.com/user/AriaRussia
Last updated 1 week, 5 days ago