Официальный канал Анжелы Перл
Сайт: https://angela-pearl.com/taplink
Last updated 1 month, 3 weeks ago
Официальный канал группы АРИЯ🎸
📲ЧАТ: https://t.me/ariaruchat
🔻ВК: vk.com/aria_official
🔻YouTube: youtube.com/user/AriaRussia
Last updated 1 month ago
Республикӕ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады бон!
Алы паддзахады дæp вæййы, стыр ахадындзинад кæмæн иc, ахæм историон цау.
РХИ - ы уый у паддзахадон хæдбардзинады акт сфидар кæныны стыр бæpæгбон.
ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас», йæ cæргъы Уататы Зелимхан афтæмæй, арфæ кæны хуссайраг æфсымæpтæ æмæ хотæн бæрæгбоны фæдыл.
Уадз æмæ РХИ П-Алани азæй-азмæ фидардæр кæнæ стыр æнтыстытимæ, адæмы цардамондæн пайда чи хæcca.
Уæлахиз ут! Фарнимæ yæ цард!
ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»
«Фæрдыг» æмæ «Æфсир»-ы сабиты тавы хъомылгæнджыты ахаст
#Æхсæнад
Ацы къуыри 1-æм июны нысан цæудзæн иууыл ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон.
Нæ хæзна, нæ сомбон, нæ ныфс сты сабитæ æмæ мах нæ сабитæн нæ тыхтæ ма хъуамæ æвгъау кæнæм, цæмæй нæ сывæллæттæ рæзой уарзондзинады атмасферæйы, хъахъхъæд цæуой æгъатырдзинадæй негативæй.
Махæн ис курдиатджын сывæллæттæ сæ-рыстыр вæййæм уыдон æнтыстытæй спорты, сфæлдыстады,…
Цадмæ – улæфынмæ
#Æхсæнад
Сæумæрайсом хуры тынтæ доны уылæнтыл сæхи асæрфтой æмæ цад ноджы фæирддæр, фæцæрдхуыздæр ис. Бон куыд тынг кодта, афтæ йæ йæ хъарм тынтæй тынгдæр тавта. Цыма бынтондæр змæлгæ нæ кæнынц, ахæм хуызы уыдысты доны хъазтæ æмæ сæм адæймаг кæсынæй не ‘фсæст. Сæ сæрмæ та цады тыгъдады цъыбарцъыбур кодтой тæхаг мæргътæ, куы-иу сæхи хæрдмæ систой, куы…
Хурӕн зарыд мӕй.
Мария Кодалаева.
Æртахти булæмæргъ мæ бæстæм
Æмæ йæ фæндырæй æрцагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цинæй арт ысуагъта.
Ныр сатæг уадымсы фæйлауæн
Мæ былтæм хи æнгом нылвасы…
Салам нæ уалдзыгон æгъдауæн!
Æз ын йæ тæмæн бирæ уарзын;
Цъæx гауыз раппæрста нæ фæзтæм
Æмæ йыл дидинджытæ ‘рсагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цины арт ысуагъта.
КАЛОТЫ Хазби.
Мæ зæрдæ дарын нæ мадæлон æвзаджы рухс фидæныл, нæ адæмы cæйрагдæр хæзна фæлтæрæй фæлтæрмæ кæй цæудзæн æмæ кæй цæрдзæн, ууыл!
Видео: @bitarov_vz
@XurZaerin
Тохы дæр æмæ куысты дæр…
#Стыр_Уæлахизы_бонмæ
Не Стыр Райгуырæн бæстæ уæззау уавæры куы бахауд, уæд фæстæ нæ фæлæууыдысты Ирыстоны фырттæ дæр æмæ ивылдысты тохы быдырмæ. Цæвиттойнаг уыдысты ацы хъуыддаджы Къостайыхъæуы сагсур фæсивæд дæр. Уыдон хæрзбон дзырдтой сæ ныййарджытæн, сæ хиуæттæн æмæ тындзыдтой тохы быдырмæ. Алчи дæр дзы йæ хайбавæрд хаста не стыр Уæлахизмæ.
Хæсты фыццаг бонты хæстмæ фæцыдысты Гæбæраты, Гуццаты,…
Официальный канал Анжелы Перл
Сайт: https://angela-pearl.com/taplink
Last updated 1 month, 3 weeks ago
Официальный канал группы АРИЯ🎸
📲ЧАТ: https://t.me/ariaruchat
🔻ВК: vk.com/aria_official
🔻YouTube: youtube.com/user/AriaRussia
Last updated 1 month ago